Цæгат Ирыстоны электрон тыхæн фидыны бæрæггæнæн ис бæрзонд æмвæзадыл. Уый тыххæй хицауады сæрдар Дзанайты Барисимæ куыстадон фембæлды рæстæг радзырдта «Россети Цæгат Кавказ»-ы генералон директор Роман Левченко.
Ацы азы аст мæймæ бæрæггæн схызт 88 процентмæ, уый та фаронимæ абаргæйæ у 3,5%-ы фылдæр. Куыстуат æмæ йæ цæгатирыстойнаг филиалы уавæр хуыздæрырдæм ивы ныр 6 азы дæргъы. Дзанайты Барисы куыд фæнысан кодта, афтæмæй сæйраг нысан у, цæмæй коммуналон лæггæдтæн фидыны æмвæзад схиза 100 %-мæ. Ахсджиаг ма у хъармгæнæн рæстæгмæ цæттæдзинады фарста. Премьеры ныхæстæм гæсгæ, регионы электрон хызæгты объекттæ фæззæг æмæ зымæджы кусдзысты æххæстæй.
















