preloader
сейчас в эфире
05:04
МУЛЬТФИЛЬМЫ 12+
Смотрите Далее
06:00
УТРО. НОВОСТИ 12+
06:05
ДОБРОЕ УТРО, ОСЕТИЯ! 12+
06:45
МУЗЫКÆ +
05:25
НАРТЫ КАДДЖЫТÆ +
ТВ ПРОГРАММА
МУЛЬТФИЛЬМЫ 12+
close

Цæгат Ирыстоны фылдæр адæм райдыдтой бадминтонæй архайын

12.07.2024 13:23

Бадминтон куыд спортивон хуыз, афтæ Цæгат Ирыстоны фæзынд 2013 азы. Ныртæккæ республикæйы 200 адæймагæй фылдæр сæхи ацы спорты фæлварынц профессионалон æмвæзадыл. Командæтæ тренировкæ кæнынц Цæгат Кавказы хæххон-металлургон институты бындурыл, аивæдтв Лицейы æмæ ма суанг Цыколайы дæр. Сæ æнтыстдзинæдтæй зæрдæ райы. Финансон æххуыс куы уаид, уæд тренертæ ныфс æвæрынц 10 кандидаты спорты дæснымæ бацæттæ кæнынæй.

Джиоты Моникæ ацы спортмæ æнæнхъæлæджы æрбацыд. Ерысты архайæг уыд æмæ дзы уæлæмхасæн баллтæ лæвæрдтой бадминтонæн. Уый тыххæй райдыдта йæхи фæлварын. Ахуыр кодта теори, раиртæста домæнтæ, сфæлхат кодта хæстцыды зонынад. Æрмæст афтæмæй ис хъазты æнтыстджын уæвæн, – зæгъы чызг. Æмæ афтæ рауад. Бадминтонæй йæ фыццаг турниры сси уæлахиздзау, фæстæдæр та æппæтуæрæсеон къæпхæны райста сызгъæрин.

Æппæты кæстæр хъазæгыл цæуы 6 азы, фæлæ ныридæгæн йæ къухы бирæ æнтыстдзинæдтæ бафтыд. Æнæауæрдгæйæ йæхиуыл кусы, бонæй-бонмæ æххæст кæны амындзинæдтæ, цæмæй ацы спорты хуызы æрлæууа раззагдæртимæ. Æппæт лыстæгдзинæдтыл æй ахуыр кæны йæ тренер Скъиаты Æхсарбег. Нæ рухс фидæн, афтæ йæ хоны нæлгоймаг. Къоста æрвылбон æрбацæуы паркмæ хъазынмæ. Лæппу архайы цырд æмæ æнæзивæгæй.

Республикæйы фыццаг тренировкæтæ райдыдтой 2013 азы. 10 командæйы æмæ 200 адæймаджы. Алыхуызон ерыстæ æмæ конкурстæ, сывæллæттæ иу мадзал дæр нæ уадзынц. Цæгат Кавказы хæххон-металлургон институты кусы бирæ къордтæ. Фæлæ сæйрагдæр хай ис аивæдты лицейы бындурыл. Ам цæуынц бæстон тренировкæтæ. Ног секцитæ гом кæнынц районты дæр. Цыколайы ныридæгæн тренировкæ кæнынц цалдæр къорды. Фæлæ уæддæр бынат се ‘ппæтæн нæй. Бадминтонæй архайын кæй фæнды, уыдоны нымæц рæзы. Æхцайы фæрæзтæй нæм куы фæкæсиккой, уæд спорты дæснымæ 10 кандидаты бацæттæ кæниккам, – зæгъы хистæр тренер Скъиаты Æхсарбег.

Бадминтон республикæйы хизы ног æмвæзадмæ. Ныртæккæ спортсментæ сæхи цæттæ кæнынц ерыстæм. Ацы хъуыддаг сын æрмæст спорт нæу, сси сæ царды сæйраг нысан. Республикæ та сын æхсызгонæй æнхъæлмæ кæсы сæ æнтыстдзинæдтæм.

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
08.09.2026 I Дæ райсом хорз, Ирыстон!
8.09.2026
07.09.2026 I Самое время
7.09.2026
«Драйв без границ: от барабанов до Голливуда» I Доброе утро, Осетия!
7.09.2026
В итоге: 6 сентября
6.09.2026
Абетӕ. Райдайӕн
6.09.2026
Виктория Кесаева | Песни под звездами
6.09.2026
Дзгойты Аллӕ | Æнусон фарн
5.09.2026
05.09.2026 | Гвардия
5.09.2026
Алан Караев I По большому счету
4.09.2026
Ахуыр азы райдайæн æмæ тхэквондойы Бон I Йæ рæстæгыл
4.09.2026
Здравствуй, школа! I Доброе утро, Осетия!
4.09.2026
Беслан сейчас. 2026
3.09.2026
Беслан сейчас. 3 сентября
3.09.2026
Беслæн 22 азы фæстæ I Йæ рæстæгыл
1.09.2026
Беслан сейчас. 2026
1.09.2026
Все рекомендуемое