Федералон проект «Чистая страна»-йы фæлгæты Цæгат Ирыстоны иуварс кæнынц æнæзакъон бырондæттæ. Тæссаг у, афойнадыл æфснайд куы нæ рцæуой, уымæй. Уый тыххæй хъусын кæны Уæрæсейы вице-премьер Виктория Абрамченко.
Нæ регионæй уæлдай сæрмагонд хыгъдмæ бахаудысты Буряти, Чуваши, Дагестан, Мæхъæл æмæ Хъалмыхъхъы республикæтæ. Бырондæттæ, куыд æмбæлы, афтæ не ‘фснайынц Дæллаг Новгород, Омск æмæ Воронежы облæстты. Уавæр сраст кæнынæн вице-премьер радтæ хъæугæ амынддзинæдтæ.
Ноябры райдианмæ, нацпроекты фæлгæты арæзт чи цæуы, уыцы программæйыл хъæудзæн бæстонæй бакусын. Иннæ азмæ ног бадзырдтæ бафыссынæн уый у æнæмæнг домæн.
















