85-аздзыд Езеты Петр бирæ кæй цæры, уый йæ бинонты руаджы, — зæгъы хистæр йæхæдæг. Дæ хæстæджытæ амондджын куы уой, уæд цæрын æмæ кусын дæр æнцон У. Йе ‘мкъай Гецаты Нинæимæ базонгæ нырма скъолайы куы ахуыр кодта, уæд.
Дыууæ сывæллоны, уый фæстæ сæ хъæбултæ æмæ уыдоны хъæбулты хъомыл кодтой ирон æгъдаумæ гæсгæ. Езеты Петр райгуырд Дыгургомы Гæлиаты 4-æм агусты 1940 азы. Колхозы кусын райдыдта райдиан скъолайы фæстæ. Æфсадæй куы сыздæхт, уæд лæппуйы сæвзæрстой фæскомцæдисон куыстуаты фыццаг нымæрдарæй. Йæ бирæ кады нысæнттæ Езеты хæдзары хæзнатæй уæлдай не сты.
Райкомы амынддзинадмæ гæсгæ, Езеты Петры арвыстой Стъараполы партион скъоламæ. Уым цæттæ кодтой разамонджыты. Уый каст куы фæцис, уæд æй снысан кодтой Калинины номыл уынджы колхозы фермæйы разамонæгæй. 35 азы Петр парахат кодта фосы мыггаг. Фæллойы ветеран — республикæйы хъæууон хæдзарады сгуыхт кусæг. 2020-æм азы Езеты Петры схорзæхджын кодтой “Ирыстоны намысæн” майданæй. Хæсты сывæллон абоны кæстæртæй разы у. Се ‘взæры кой йын зын вæййы.
Ныридæгæнн хъæууон хæдзарады сгуыхт кусæг Езеты Петр йе ‘нæниздзинад хъæддыхдæр кæны инсульты фæстæ. Йæ уарзон бинонтæй фæстæмæ йын хорз æххуыс сты йе ‘мкусджытæ. Уыдонæн сæ куырыхон хистæр зынаргъ у. Зонынц æй кæддæриддæр баххуыс кæнынмæ цæттæ чи у, ахæм адæймагæй.
















