preloader
сейчас в эфире
08:40
+
Смотрите Далее
08:50
БЕЗ СТРАХА И УПРЕКА 12+
10:00
МЕСТНЫЕ ЗНАЮТ 12+
11:00
САУТÆ, БУРТÆ,МЫДХУЫЗТÆ 12+
13:00
МЕДИКУМ 12+
13:50
ВО ВСЕМ ВИНОВАТА ЗАЛИНА 12+
ТВ ПРОГРАММА
+
close

Хуымæллæджы уыд бæхтыл дугъ фæсивæды ‘хсæн

11.08.2025 18:20

Бæхтыл дугъ снысан кодтой Хетæджы Лæгты Дзуары бонмæ.

Цæрдæг старт æмæ абарæн кæй ницæимæ ис, ахæм æнкъарæнтæ. Барджытæй алкæйы дæр фæнды фыццаг суæвын. Хуымæллæджы фæсивæды бафæндыд ацы ерыстæ ныр та сæ хъæуы саразын. Бирæ лæппутæ дзы ис, бæхтæ чи уарзы æмæ чи дары, ахæмтæ. Мадзаларазджытæ иу Гæбæгкаты Вилен йæхæдæг дæр йæ сабибонтæй фæстæмæ бады бæхыл. Ныр дæр ерысты архайдта йæ бæх Обруч.

Гуырцъыты Тимур ерыстæм æрбацыд сыхаг Зилгæйæ. Йæ бæхимæ иу æмæ дыууæ хатты не сси ахæм дугъты уæлахиздзау. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй, фыццаджыдæр, цыппаркъахыг хæлары хъæуы уарзын æмæ йæм раст зилын. Афтæмæй та уæлахиздзау суæвын дæр зын нæу. Фыццаг бынæттæ Тимур алыхуызон ерысты йæ бæхимæ бацахста 7 хатты.

Цалдæр мæйы размæ ахæм ерыстæ арæзт æрцыд Беслæны Ипподромы. Уый фæстæ ма бæхтыл дугъ сарæзтой Дигорайы. Ныр та ерыстæ ацыдысты Хуымæллæджы.

Бæхтыл дугъ снысан кодтой Хетæджы Лæгты Дзуары бонмæ. Фæнды сæ алы аз дæр бæрæгбонмæ бæхтыл дугъ аразын.

Зæгъын ма хъæуы уый, æмæ ерысгæнджыты ‘хсæн ис чызджытæ дæр. Уыдон лæппутæй къаддæр нæ архайынц рамбулыныл. Маматы Амелинæ дугъ кæнынмæ ссыд Дигорайæ. Фыццаг старты йæ бæх фæтарст, фæлæ дыккаджы йæ фæстæ фæуагъта иннæты.

Мадзал саразыныл чи архайдта, уыцы фæсивæды фæнды ацы спорты хуыз ирхæфсæнæй спортивон æмвæзадмæ сисын. Уый та рауайдзæн æрмæст алы районты барджытæ, æмæ ма суанг сыхаг республикæйты минæвæрттæ, кæрæдзиимæ куы æмбæлой ерысты, сæ арæхстдзинадыл куы кусой æмæ фыццаг бынæттæм куы тырной, уæд.

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
Аивады фæз I Дзагоева Жанна
24.10.2026
Хуыцауы Дзуары бон Црауы | Кувæг Ир
24.10.2026
24.10.2026 | Традиция веры
24.10.2026
Быт осетин-горцев I Ход истории
23.10.2026
Хетæгкаты Къостайы номыл мæйон, Малиты Георгийы 140 азы æмæ чындзæхсæвы æгъдæуттæ | Йæ рæстæгыл
23.10.2026
23.10.2026 I Доброе утро, Осетия!
23.10.2026
Ресторанный бизнес I Бизнес сфера
22.10.2026
Образовательная платформа «Сферум»; спектакль в Художественном музее им. М.Туганова и актуальные новости недели I Самое время
22.10.2026
22.10.2026 I Ирон чат. Æгайт-ма!
22.10.2026
22.10.2026 I Дæ райсом хорз, Ирыстон!
22.10.2026
Детские пособия в 2026 году | Среда влияния
21.10.2026
Лидия Цалиева I Истории из жизни
21.10.2026
Мечи и луки I Доброе утро, Осетия!
21.10.2026
Дæрддзæф хъæуты скъолатæ æмæ хæринаггæнæджы бон | Йæ рæстæгыл
20.10.2026
Дæ райсом хорз, Ирыстон! I 20.10.2026
20.10.2026
Все рекомендуемое