preloader
сейчас в эфире
04:49
НОВОСТИ ( ПОВТОР ) 12+
Смотрите Далее
06:00
УТРО. НОВОСТИ 12+
06:05
ДОБРОЕ УТРО, ОСЕТИЯ! 12+
06:45
МУЗЫКÆ 12+
05:00
МУЛЬТФИЛЬМЫ 0+
05:30
НАРТЫ КАДДЖЫТÆ 12+
ТВ ПРОГРАММА
НОВОСТИ ( ПОВТОР ) 12+
close

Цæгат Ирыстоны хатдзæгтæ скодтой “Ирон дæн æз” æркасты республикон къæпхæнæн

12.05.2025 19:48

Фыццаг бынат бацахста Æрыдоны районы минæвар, дыккаг – Горæтгæрон район, æртыккаг – Алагиры. Се ‘ппæт дæр райстой æхцайы премитæ æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæ. Фæззæджы та конкурс ацæудзæн лæппуты ‘хсæн.

Цæгат Ирыстоны хатдзæгтæ скодтой “Ирон дæн æз” æркасты республикон къæпхæнæн. Финалы архайдтой 8 чызджы. Уыдон хуыздæртæ разындысты муниципалон къæпхæнты рæстæг. Ныр та сæ цæттæдзинад æвдыстой 5 фæлварæны.


Фæсивæдон галуаны фæскулис – аст чызджы республикæйы æппæт районты скъолатæй. Уыдон хуыздæртæ разындысты муниципалон къæпхæнты. Равдыстой дæсныдзинад ирон æвзагзонынад, культурæ æмæ æгъдæутты. Гæззаты Илинæ фæуæлахиз Дзæуджыхъæуы скъолаты ахуырдзауты ‘хсæн. Йæ хорз цæттæдзинадæй балхæдтæ къамисы зæрдæтæ.

Мыггаджы ратæдзæны истори, цавæр зынгдонд адæм дзы ис, бæрæгбæтты æгъдæуттæ, культурæ, уыимæ ирон рагон кусæнгæрзты зонынад, хæринæгтæ цæттæ кæныны хъуыддаг.

Чызджытæ сæхи фæлвæрдтой 5 хæслæвæрды. Годзойты Анжелæ конкурсмæ бацæттæ кодта дæсæм къласы ахуырдзау Рæмонты Ирмæйы. Дур-дуры скъолайы ахуыргæнæджы ныхæстæм гæсгæ, æркастæн ис стыр ахадындзинад.

Уый та, мадзаларзджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй у сæйраг нысан. Мадæлон æвзагмæ уарзондзинад рæзын кæнын, хъомыл сæм кæнын патриотизм.

Чызджыты цæттæдзинадæн аргъ кодтой жюрийы уæнгтæ. Се ‘хсæн фæлтæрдджын специалисттæ, ирон æвзаджы дæснытæ, æхсæнадон архайджытæ. Сæйрагдæр уыд зонындзинæдтæ, артистизм равдисын. Иууыл фылдæр балл алы хæслæвæрды фæстæ дæр 5 баллы. Дарддæр кæронбæттæны уыцы баллтæ банымайынц æмæ афтæмæй равзарынц уæлахиздзауы.

Фыццаг бынат бацахста Æрыдоны районы минæвар, дыккаг – Горæтгæрон район, æртыккаг – Алагиры. Се ‘ппæт дæр райстой æхцайы премитæ æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæ. Фæззæджы та конкурс ацæудзæн лæппуты ‘хсæн.

Калоты Дзерассæ

 

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
Сихъоты Тамир ӕмӕ Хынцӕгты Маринӕ I Куыд зӕгъай, афтӕ!
30.08.2026
Хугаевы I Семья
30.08.2026
30.08.2026 I Вместе за безопасность
30.08.2026
Храп I Медикум
30.08.2026
Лидия Цахилова I Нараспашку
29.08.2026
29.08.2026 I Кувæг Ир
29.08.2026
29.08.2026 I На крючке
29.08.2026
Ход истории I Скифский мир
28.08.2026
Хӕдзарадон I Зæххыты æмæ фыййæутты кадавардзинад  
28.08.2026
Æфсæддон дохтыры Бон, Цæгæраты Максимы юбилей æмæ нæ музыканттæ Китайы I Йæ рæстæгыл
28.08.2026
Выборы-2026. Дебаты
28.08.2026
Многоликое искусство I Доброе утро, Осетия!
28.08.2026
27.08.2026 I Фæд
27.08.2026
27.08.2026 I Ирон чат
27.08.2026
27.08.2026 I Дæ райсом хорз, Ирыстон!
27.08.2026
Все рекомендуемое