Уникалон историимæ федералон нысаниуæг кæмæн ис, ахæм культурон объект. Ацы бынаты уыд се ‘ппæтæн зонгæ кинотеатр “Комсомолец”. Бæстыхай заууатмæ æрцыд, бирæ рæстæг æдзæллагæй лæууыд. Ныртæккæ дзы цæуы бындурон рацарæзт. Цалцæг райдыдта 2 азы размæ, уæдæй бантыст егъау куыст бакæнын. Къултæ æмæ ныккæнды цæджындзтæ ныффидар кодтой, баххæст кодтой мидæггаг куыстытæ. Ныр бæстыхай историон хуыз райста, фæлæ разæй нырма бирæ архайд ис.
Ацы разуынд та Сабырдзинады проспекты фидауц у, ивгъуыд æнусы райдиан ыл куыста архитектор Рябикин. Бонджын сæудæджергæнæг Огановы хæдзар модерн здæхты йæ проектмæ гæсгæ конд æрцыд. Дзæуджыхъæуы архитектурон хæзна – бæстыхай зæгъæн ис, æмæ нæ фæивта. “Базарадон хæдзар. 1903 аз” – ахæм сæргондимæ нымад цæуы Уæрæсейы культурон бынтимæ объектты реестры.
Ныртæккæ кофейня цы бæстыхайы ис, уый æддаг бакаст та историон хуыз уайтагъд нæ райста. 90-æм азы йæ “аив” кодтой коллонæтæ æмæ грифонтæ. Уæлæмхасæн бæстыхай сыхагиуæг кæны раздæры фысымуат “Парижимæ”, объект арæзт æрцыд 19-æм æнусы кæрон. Ныртæккæ дзы ис Цæгат Ирыстоны социалон æмæ гуманитарон иртæстыты институт. Нымад у культурон хæзнайыл.
Æдæппæтæй Цæгат Ирыстоны культурон бынтыл кæй банымадтой, ахæм объекттæ сты 1 мин 287. Ивгъуыд аз 23 объекты райстой регионалон нысаниуæгимæ статус. Уый паддзахадон историон-культурон экспертизæмæ гæсгæ. Дзуапдæттæг комитет уæлдай æргом здахы историон бæстыхæйтты хъахъхъæнынадмæ.Æртæ зонæйы нæм вæййы: хъахъхъæнынады зонæ, ног арæзтад æххæст кæнæнæн кæм нæй, ахæм зонæтæм цæстдард æмæ ландшафты зонæ. Алы зонæйы дæр ис йæхи фæтк. Уым нысангонд сты объект бахъахъхæныны бындуртæ. Уымæй уæлдай ма фæнысан кæнæм объектты арæнтæ. Цæмæ дзы хъæуы фæкæсын. Гæнæн ис, æмæ бæстыхай уа стыр, фæлæ дзы бахъахъхъæнын хъæуы чысыл элементтæ, кæнæ та объект уыдзæн чысыл æмæ дзы бахъахъхъæнын та хъæудзæн асинтæ, рудзынджы къоппытæ. Уый тынг стыр æмæ бæстон куыст у.
Комитет архайы федералон регионалон æмæ паддзахадон программæты. Æмткæй Цæгат Ирыстоны культурон хæзантæ федералон нысаниуæгимæ объекттæ сты 412, регионалон æмвæзадыл та сæ нымæц у 282.
















