preloader
сейчас в эфире
11:30
АЛАНЫ. ДОРОГА НА ЗАПАД 12+
Смотрите Далее
12:10
МУЗЫКАЛЬНАЯ ГОСТИНАЯ 12+
13:00
ХАБÆРТТÆ 12+
13:20
ÆНУСОН ФАРН. СУАНТЫ ХЪАЗЫБЕГ 12+
14:30
МОЙ ВЛАДИКАВКАЗ 12+
15:00
ВКУС ГРАНАТА (14-АЯ СЕРИЯ) 16+
ТВ ПРОГРАММА
АЛАНЫ. ДОРОГА НА ЗАПАД 12+
close

Цæгат Ирыстоны картоф æмбырдгæнæн куыстытæ кæронмæ фæхæццæ кæнынц

26.10.2023 13:24

Хъæууонхæдзарадон кусджытæн ацы сезон тынг тыхстаг разынд. Июлы æгас республикæйы дæр тæрккъæвдатæ кæй æрцыд, уый аххосæй бирæ зæхкусджыты быдыртæ хъыгдард баййæфтой. Æппæты фылдæр – Дыгуры æмæ Æрæфы районты. Ныр тыллæг æмбырдгæнæн афон æрхæццæ. Фæлæ цы халсар æрзайын кодтой, уымæй амалхъом адæймæгтæй бирæтæ разыйæ баззадысты.

Зæхкусæг Битарты Анатолий йæ зæрдæ дары æрмæстдæр хорз боныхъæдыл. Йæ быдыры цы картоф æрзайын кодта, уый æмбырд кæнын тагъд фæвæййы. Баззад ма йын дзы нымадæй цалдæр рæгъы. Стæй уæд цӕттӕ у базары уæй кæнынмӕ. Анатолий дызæрдыг нæ кæны, картоф ын æгасæй дæр уæйгонд æрцæудзæн.

Цы 12 гектары ныссагъта, уыдонæй, йæ ныхæстæм гæсгæ, хорз тыллæг æрæмбырд кодта. Картоф ацы аз хорз æрзад, кæд æмæ июлы æгас республикæйы дæр тæрккъæвдатæ æрцыд, уæддæр. Уæд Битарты Анатолий дæр тынг мæт кодта, иста ма дзы рауайдзæн йæ картофæй, æви нæ, ууыл. Ахæм хорз тыллæг æрзайын кæнын та йын бантыст, культурæмæ раст кæй зылд, уый тыххæй. Уый та зæхкусæг зоны йæ гыццылæй нырмæ.

Уæдæ Хацырты Зарифæ дæр зæххы куыст тынг уарзы. 30 азы дӕргъы у бригадир. Æдзух дæр æй фæндыд ахæм ран фæллой кæнын, адæмæн пайда кæм хæсса. Йæ куыст фыццаг бакастæй куыд æнцон зыны, афтæ нæу. У цымыдисаг æмæ хъæлдзæг дæр, фæлæ стыр бæрнимæ. Йæ зæрдæ йæ куыстæй райы. Уый та у æппæты вазыгджындæр.

Афтæ хъазгæ-худгæйæ фæллойадон бонтæ æрвитынæй ма хуыздæр цы ис?! Бирæтæ ам кæрæдзийы рагæй зонынц. Сты хæлæрттæ, уымæн æмæ цалдæргай азты дæргъы иумæ картоф æфснайынмæ рацæуынц. Фидæны аз дæр та сæ ам куыст æрбамбырд кæндзæн. Уæд, гæнæн ис, æмæ дзы ног культурæтæ дæр фæзына. Фермер Битарты Анатолий куыд зæгъы, афтæмæй йæ фæнды йæ куыст фæуæрæх кæнын. Нырма йæм картоф æмæ нартхор йæдтæмæ сагъд ницы ис. Фидæны та йæ фæнды настæ æфæлварын æрзайын кæнын. Адæймаджы куы фæнда æмæ куыстæй куы нæ тæрса, уæд ын цы нæ рауайдзæн.

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
Кинезиология и гирудотерапия I Доброе утро, Осетия!
12.10.2026
Дзантиаты Светланӕ ӕмӕ Сугъаты Хъазыбег I Куыд зӕгъай, афтӕ
11.10.2026
В итоге: 11.10.2026
11.10.2026
Инсулинорезистентность I Медикум
11.10.2026
Дзассохты Музафер I Æнусон фарн
10.10.2026
Мамытæ I Мыггаджы фæндæгтæ
10.10.2026
Хадыхъаты Франц ӕмӕ Тинӕ I Бинонтæ
10.10.2026
10.10.2026 I Гвардия
10.10.2026
Нарты Сосланы Бæрæгбон I Кувæг Ир
10.10.2026
Зынгсирвæзты ныхмæ мадзæлттæ, посты куыст æмæ чиныгкæсæджы бон | Йæ рæстæгыл
9.10.2026
Бонвæрнон I 09.10.2026
9.10.2026
Доброе утро, Осетия! I 09.10.2026
9.10.2026
Бизнес сфера I 08.10.2026
8.10.2026
Актёр Исса Дауров, медведи у жилых домов и актуальные новости недели | Самое время
8.10.2026
08.10.2026 | Ирон чат
8.10.2026
Все рекомендуемое