Традицион ирон уалæдарæсы истори. Уыимæ, рагон къабатæ нырыккон ахорæнты. Дзæуджыхъæуы культурæйы галуаны ацыд семинар-равдыст. Мадзалы сæйраг нысан — парахат кæнын традицион уæлæдарæс нырыккон царды. Цæгат Ирыстоны ахуырадон уагдæтты æрыгон курдиæттæ æмæ хуыйджытæ бацæттæ кодтой 4 коллекцийы.
Рон, зæлдаг кæлмæрзæнтæ, æмæ алыхуызон цымыдисаг, аив уæлæдарæс. Цæмæй дзаума ӕххӕст хуыз райса, уый тыххæй алы лыстæгдзинад дæр у ахсджиаг. Сæ коллекцийыл мадзалы архайджытæ куыстой бирæ рæстæг. Бацархайдтой алы элеммент дæр хуызджынæй равдисыныл.
Фæсивæд бацæттæ кодтой ирон традицион уалæдарæс нырыккон фæзындтытимæ куыд сылгоймæгтæн, афтæ нæлгоймæгтæн дæр. Æдæппæтæй хуыйджытæ æмæ аивадон къордтæ адæмы размæ рахастой 4 коллекцийы. Мадзал аразджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй ахæм конференцитæн ис егъау нысаниуæг.
Равдыстæй уæлдай, рагон уæлæдарæсы сусæгдзинæдтæ бæстон базыдтой. Йæ зонындзинæдтæ сын лекциты нæ бавгъау кодта Цогойты Батраз. Уыимæ ма, мадзалы архайджытæ аргъ скодтой дæсныйадӕвдисæн ахуыртæн, зарджытæ æмæ кæфтытæн.
Æмæ кад абон нæ фыдæлты уæлæдарæсӕй не ‘рвылбоны царды нал пайда кæнæм, уæддæр бафиппайæн ис, фæстаг рæстæг ирон дарæсы цавæрдæр хæйттæ кæй парахат кæнынц, уый. Сæ ахсджиаг æвдисæн та сты ахæм мадзæлттæ.
















