Тагъд æххуысы клиникон рынчындоны дарддæр цæуы туаггуыры системæйы рацарæзт.
Ныридæгæн хызæгтæ бындуронæй сцалæцг кодтой, дзæбæхгæнæн уатты æмæ реанимацийы ногæй баивтой туаггуыры клапантæ. Рынчындоны кæрты фæзынд дыууæ резервуары. Алкæцыйы дæр дзы цæуы 11 тоннæйы туаггуыр. Ныртæккæ æрмæстдӕр къуылымпы кӕнынц, бынатмæ афойнадыл кæй нæ хæццæ кæнынц, уымӕй. Ахæм уавæр сæвзæрд, цы завод сæ æрвиты, уый аххосæй.
Специалистты ныхæстæм гæсгæ, системæ скусынæн алцыдæр у цæттæ. Афæдзы кæронмæ скусдзæн фæткмæ гæсгæ.
















