Цæгат Ирыстоны медицинон академийы арæзт æрцыдысты зынгсирвæзтыты ныхмæ тактикон ахуыртæ. Æрхъуыдыгонд цаумæ гæсгæ корпустæй иуы электрон тыхдæттæг телтæ кæрæдзиуыл кæй андзæвыдысты, уый аххосæй æрцыд зынгсирвæзт. Уымæ гæсгæ хæрæндоны апарахат фæздæг.
Специалисттæ бынатмæ æвæстиатæй æрбахæццæ сты, бæстыхайæ ракодтой ахуыргæнджыты æмæ студентты. Адæмы ирвæзын кæнгæйæ уыцы иу рæстæг куыст цыд штабы дæр. Сæрмагонд ахуырты архайдта 60 специалисты æмæ сæрмагонд техникæйы 10 иуæджы. Ахæм мадзæлттæ Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады цæгатирыстойнаг управлени аразы æппынæдзух.
















