Абон Цæгат Ирыстоны Национ музейы байгом этнофестиваль “Рон”. Йæ фыццаг хай — равдыст-армукъа цæуы равдыстыты залы. Æрбамбырд кодта бæстæйы зындгонд æрмдæснытæ æмæ дизайнерты: Красноярскæй Хъырыммæ. Сæ конд дзауматæ фенæн æмæ балхæнæн уыдзæн цалдæр боны дæргъы.
Ирон, уырыссаг, кæсгон, хъæрæсейаг, гуырдзиаг æмæ бирæ æндæр адæмыхæттыты национ уæлæдарæс скодта йæ гыкъынатыл æрмдæсны. Æгайты Фатимæ къухми 15 азæй фылдæр кæны, фæлæ уæддæр иу фæлыст хуыйыныл æртæ бонæй къаддæр нæ бахъæуы. Хъуамæ алы сынк, алы æгънæгмæ дæр лæмбынæг кӕсай. Уæд куклайыл хорз сфидаудзæн дзаума.
Чысыл дарддæр — алæмæты рæсугъд сыкъатæ. Сарæзта сæ æрмдæсны Зассеты Алан. Нывæфтыдты руаджы сын архайы æрмæст сæ æрдзон рæсугъддзинад фæирддæр кæныныл. Диссаг — иу дæр дзы иннæйы хуызæн нæу.
Æмæ ахæм курдиатджын дæснытæ æмæ фæзуæттæ — 20-æй фылдæр. Се ‘хсæн “Елецы хæрдгæбыд”, дагестайнаг нывæфтыдтæ мельхиорæй хъæдыл, кæсгон хæрдгæбыд, æвзист, нымæт æмæ сæракæй конд дзауматæ… Равдыст-армукъайæ байгом II этнофестиваль “Рон”. Йæ саразын къухы бафтыд “Культурон хъæппæристы фонд” æмæ “Президентты грантты фонды” руаджы.
Равдысты архайынц “Цæгат Ирыстоны адæмон æрмдæсныйады” ассоциацийы уæнгтæ, фыццаг хатт дзы архайы Гæбæраты Лизæ. Ардæм ссыдысты Хъырым, Красноярск, Екатеринбург æмæ æндæр сахартæй дæр. Уый та хорзырдæм ахады æрмæст æрмдæсныйады рæзтыл нæ, фæлæ туризмы райрæзтыл дæр. Бæстæйы цæрджытæ хæстæгдæр зонгæ кæнынц нæ республикæйы хъæздыг истори, рæсугъд æгъдæуттæ æмæ алæмæты æрдзимæ.
Мадзал цæуы республикæйы Национ музейы равдыстыты залы. Этнофестиваль ахæсдзæн майрæмы мæйы 27-æм боны онг. Хуыцаубоны та ам — кæрты адæммæ æнхъæлмæ кæсы хъæздыг программæ. Дефилейы Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны, Хъæрæсе-Черкесы, Цæцæны, Дагестаны æмæ Екатеринбургы дизайнертæ сæ коллекцитæ равдисдзысты. Хицæн программæ бацæттæ кодтой сабитæн дæр. Сæ аивадæй уазджыты зæрдæтæ барухс кæндзысты трио “Фидæн”, фольклорон кафты ансамбль “Æртхурон”, хор “Арион”, вокалон-инструменталон къорд “Рагон” æмæ бирæ æндæртæ… Иу ныхасæй, Национ музей кæй суазæг кæна, уыдонæй æнкъард никæмæн уыдзæн.
Дзæдзойты Фатимæ
















