Цæгат Ирыстоны паддзахадон автоинспекцийы кусджытæ 20-æм декабрæй 15-æм январы онг араздзысты профилактикон мадзал «Зымæгон фæндаг». Йæ сæйраг нысан – фæндаггон æдасдзинадыл бакусын. Уыимæ ма шофырты æмæ фистæгцæуджыты фæндаггон фæткыл хуыздæрырдæм сахадын.
Зымæгон хæдтулгæ скъæрджыты хъæуы уæлдай къæрцхъусдæр уæвын. Ног азы бæрæгбæтты фæндаггон змæлд сарæх вæййы. Митуард æмæ бырынцъаг фæндаг уавæр хуыздæр нæ кæны. Уыимæ фæндæгты закъæттæ канд шофыртæ нæ халынц. Фистæгæй цæуджытæ уыцы хъуыддагмæ ноджы «сæрæндæр сты». Тæккæ тæссагдæр ран кæм вæййы, фæндаджы сæрты уыцы ран ахизынц.
Рейды нысан уыдзæн, басæттæн кæмæн нæй, уыцы закъонхалджыты æрцахсын. Рейдты рæстæг ма инспектортæ фæсиддзысты фæндаггон змæлды архайджытæм, цæмæй сæрмагонд домæнтæм сæ хъус дарой. Уæлдай æргом Мидхъуыддæгты министрады кусджытæ здахдзысты сывæллæтты æдасдзинадмæ.
Сабитæн зæрдыл лæууын кæндзысты, фæндаджы сæрты раст ахизын куыд хъæуы, уыимæ мæ ма уынджы æдасдзинады домæнтæ куыд æххæст кæнын хъæуы, уый дæр. Автоинспекторты хъуыдымæ гæсгæ, ахæм рейдты фæрцы фæндаггон фыдбылызтæ къаддæр фæвæййынц.
















