Сывæллæтты театр «Саби»-йæн радтой ног микроавтобус. Транспорт коллективæн балхæдта парти «Иугонд Уæрæсе». Проект «Культура малой родины»- йы фæлгæты микроавтобусæй дæгъæлтæ артисттæн балæвар кодта парти «Иугонд Уæрæсе»-йы регионалон хайады секретарь Ортабайты Тимур. Йæ ныхæстæм гæсгæ сывæллæтты культурон райрæзт у республикæйы разамынды ахсджиагдæр хæстæй иу.
Транпорты хъуыддаг театр къуылымпы кодта къорд азы. Зæронд хæдтулгæ дзуапп нæ лæвæрдта æдасдзинады домæнтæн. Ныртæккæ сфæлдыстадон къордæн фадат фæзынд гастрольты ацæуын канд республикæйы районтæм нæ, фæлæ ма сыхаг регионтæм дæр. Театры аивадон разамонæг Гæлæуты Аслæнбег ног транспорты фæзынд банымадта тынг æхсызгон хабарыл.
















