Цæгат Ирыстоны паддзахадон медицинон академийы райдыдтой адаптацион ахуырадон лекцитæ мигранттæн æмæ фæсарæйнæгтæн. Программæйы фæлгæты архайджытæн дзурдзысты Уæрæсейы закъоны тыххæй, амондзысты сын уырыссаг æвзагыл дзурын.
Сæйраг нысан — фæсарæйнæгты адаптаци Уæрæсейы.
Мадзаларазæг — Цæгат Ирыстоны национ политикæ æмæ æддагон бастдзинæдты министрад, Нациты хъуыддæгты фæдыл федералон агентады æххуысæй.
















