Цæгат Кавказы археологон, историон-культурон æмæ документалон бынтæ бахъахъхъæнын. Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты Уæрæсейы наукæты академийы 300 азы бонмæ сарæзтой конференци.
Мадзалы архайджытæн лекцитæ æмæ дæсныйадæвдисæн ахуыртæ амыдтой Цæгат Ирыстоны гуманитарон æмæ социалон иртæстыты институты раззагдæр специалисттæ. Æгас Цæгат Кавказæй æрыгон ахуыргæндтæ, студенттæ æмæ аспиранттæ бакастысты сæ докладтæ. Конференци ахæсдзæн дыууæ боны, хуыздæр æрмæджытæ эксперттæ ныммыхуыр кæндзысты наукон журналы. Ахæм мадзæлттæ саразынц æрвылаз. Сæ сæ йраг нысан – фæсивæды профессионалон рæзтæн æмбæлгæ уавæртæ саразын.