Республикæйы парламенты æрдзырдтой Цæгат Ирыстоны сæргълæууæджы бынатмæ кандидаттыл. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, ацы аз 30-æм августы Уæрæсейы президент Владимир Путин бахаста 3 кандидатимӕ хъæппæрис: республикæйы сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Сергей Меняйло, республикæйы Парламенты депутатты Баликъоты Валерий æмæ Елдзарты Медеяйы.
Æмбырд ацыд Цæгат Ирыстоны Парламенты сæрдар Алексей Мачневы разамындæй. Сергей Меняйло деппутаты корпусы минæвæрттæн радзырдта фыццаг хатдзæгты тыххæй йæ куысты бынаты. Фæнысан ма кодта фидæнмæ нысæнттæ регионы ахсджиагдæр фарстатæ аиуварс кæнынæн. Депутаттæ Сергей Меняйлойы базонгæ кодтой, цæрджыты алы къабæзты цы фарстатæ тыхсын кæнынц, уыдонимæ.
Ӕрныхас кодтой æнæниздзинад хъахъхъæнынад, промышленность, экологи æмæ æндæр къабӕзты фарстатыл. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, нысангонд ӕнӕкомкоммӕ ӕвзӕрстытӕ Цæгат Ирыстоны ацæудзысты 19-æм сентябры. Республикæйы парламент сæргълæууæджы равзардзæн, Президент цы кандидатты фæнысан кодта, уыдонæй. Парламенты комитетимæ фембæлдтытæ дарддæр дæр цæудзысты.
















