Хохы бæрзæндтæм тырнынц ирвæзынгæнджытæ дæр. Цæгат Ирыстоны райдыдта акци «Знамя над облаками». Уый фæдыл Уæрæсейы æнæнхъæлæджы цауты министрады 30 азы æмæ Уæлахизы 75 азы юбилейтæм ирвæзынгæнджытæ 30 хатты схиздзысты Цæгат Ирыстоны æппæты бæрзонддæр бынæттæм. Уыдоны ‘хсæн Хъазыбеджы хох.
Ацы æмæ æндæр мадзæлттæ арæзт цæудзысты афæдзы дæргъы акци «Знамя над облаками»-йы фæлгæты. Цæттæ кæнын æм райдыдтой февралы райдиан. Цæгатирыстойнаг 10 ирвæзынгæнæджы ма Уæрæсейы æнæнхъæлæджы цауты тырыса æрæджы систой Фыдхуыз хохмæ. 1700 метры бæрзæнды байтыгътой Уæрæсейы æмæ Цæгат Ирыстоны тырысатæ. Акци аразджыты ныхæстæм гæсгæ, фыццаг хох дзæгъæлы нæ равзæрстой. Куыд бамбарын кодтой, афтæмæй февралы мæй ахæм бæрзонд бынæттæм хизæн нæй, уымæ гæсгæ равзæрстой æнцондæр фæндаг. Кæд боныхъæд чысыл къуылымпыдзинæдтæ æрхаста бæлцæттæн, уæддæр мадзал куыд æмбæлы, афтæ арæзт æрцыд.
Аразджытæн ныртæккæ сæйрагдæр у, цæмæй фидæны сæ пълæнттæ иууылдæр æххæстгонд æрцæуой. Ацы балцæй уæлдай ма сæм æнхъæлмæ кæсынц ног æнтыстытæ. Зæгъæм, арæзт æрцæудзæн туристон балцвæд Геналдоны комрæбын. Уымæй уæлдай ма банывыл кæндзысты цъæхфæлыст Дзæуджыхъæуы афгайнаг скверы дæр. Æмæ ма бацалцæг кæндзысты Цъæйы, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеран Баситы Чабæхан кæм цард, уыцы хæдзар-музей дæр.
















