Цæгат Ирыстоны рауагъдонтæ абон фыссынц профилон математикæйæ иумæйаг паддзахадон фæлварæн. Экзамены бацархайынмæ сæ курдиат балæвæрдтой мин адæймагæй фылдæр. Уыдонæн ахуырадон уагдæтты бындурыл æдæппæтæй бацæттæ кодтой 9 пункты.
Цыппар сахатмæ ‘ввахс фæсивæд æвдисдзысты сæ зонындзинæдтæ. Фæлварæны цыдмæ сæ хъус дарынц федералон эксперттæ, уыимæ республикæйы ахуырад æмæ наукæйы министрады минæвæрттæ. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, профилон хуызы математикæ кæй дæттынц уæлдæр ахуырадон уагдонмæ бахауынæн анæнмæнг кæмæн у, уыдон. Бафтаудзыстæм ма, сӕйраг предмет, математикæ, рауагъдонтæ кæй ныффысдзысты 3-æм июны.
















