Йе 70 азы бæрæг кæны профессор, юридикон наукæты доктор Цалиты Алыксандр. Бирæ азты разамынд лæвæртта Цæгат Ирыстоны Конституцион тæрхондонæн. Йæ юбилейы фæдыл ын арфæ ракодта республикæйы сæргълæууæг. Хицауады хæдзары йæ кусæнуаты Битарты Вячеслав юбилярæн загъта бузныг, фæнысан кодта, Цæгат Ирыстоны граждайнаг барты райрæзтмæ стыр æвæрæн кæй бахаста, уый. Юбилярæн балæвар кодта номылдаргæ сахат.
Цалиты Алыксандр фæбузныг Битарты Вячеславæй, кæй йæ нæ ферох кодта æмæ йæ арфæйы ныхæстæй кæй сбуц кодта, уый тыххæй. Куыд бафиппайдта, афтæмæй Битары-фыртæн йæ къухы бафтыд бирæ æнтыстдзинæдтæ республикæйы райрæзты хъуыддæгты. Уыцы зын фæндагыл ын йæ зæрдæ загъта æнтыстдзинæдтæ.
















