Битарты Вячеслав фембæлд республикæйы центрон æвзарæн къамисы сæрдар Моргуаты Жаннæимæ.
Кусæг фембæлды рæстæг æрдзырдтой хъæлæскæныны иумæйаг бонмæ цæттæгæнæн мадзæлттыл. 13-æм сентябры ацæудзысты 5 æвзарæн кампанийы. Мызуры, Майрамададжы, Быдыры Дæргъæвсы æмæ Архонкæйы станицæйы æвзардзысты хъæуы сæргълæуджыты.
Æвзæрстыты рæстдзинады тыххæй æвзарæн хайæдтæ ифтонггонд æрцыдысты бюллютентæ нымайæн сæрмагонд комплекстæй. Уыимæ ма, видеоцæстдарды системæтæ нысан кæндзысты хъæлæскæныны бон куыд цæудзæн, уый.
















