Цæгат Ирыстоны сæрмагонд ведомствæты `хсæн къамис йæ куыстæн хатдзæгтæ скодта. Фæнысан дзы кодтой æнæзакъонæй цы бырондæттæ фæзынд, уыдоны нымæц. Къамисы уæнгтæ сты республикæйы цæрæнуæттæ коммуналон хæдзарады, æрдзон æвæрæнтæ æмæ экологийы министрадты уæнгтæ, стæй экологон æхсæнадон организациты кусджытæ.
Æрæджы бабæрæг кодтой Æрæфы, Дыгуры, Æрыдоны æмæ Кировы районтæ. Æрæфы районы сбæрæг кодтой æртæ æнæзакъон бырондоны. Ног Урухы хауæццæгтæ бафснæйдтой. Пъланмæ гæсгæ ма бырондон аиуварс кæндзысты Лескъены æмæ Хæзныдоны.
Дыгуры районы рабæрæг бырондон, кæм не ’мбæлы, ахæм ран, æмæ йæ бафснæйдтой Дигорайы администрацийы кусджыты хъаруйæ.
Кировы районы та разынд ахæм æнæзакъон бырондæтæ 5. Ираны быгъуат æфснайд æрцыд. Змейкæйы та фæнд кæнынц хауæтдзæгтæ сыджыты бын фæкæнын.
Æрыдоны районы æртæ бырондоны банывыл кодтой Мичурины, Кировы æмæ Къостайы хъæуты администрацийы хъæппæрисæй. Къостайы хъæуы ма се ’фснайынмæ скодтой зиу.
Ныртæккæ бæрæг кæнынц Горæтгæрон районы алфамбылайтæ. Уыимæ ма басгæрст сараздзысты Алагиры æмæ Рахизфарсы районты дæр. Æвваст бырондæттæ кæм сбæрæг кæной, уыцы ран ныффысдзысты сæрмагонд акт. Фæнысан дзы кæндзысты бырондоны бынат æмæ йæ фæзуат. Дарддæр сæрмагонд гæххæт фæхæццæ кæндзысты зæххæн йæ хицаумæ. Уый закъонмæ гæсгæ хъуамæ 30 боны æмгъуыдмæ аиуварс кæна бырондон. Кæд æмæ зæххы хайы хицау закъоны домæнтæ нæ сæххæст кæна, уæд регионалон оператор хъæугæ гæххæтытæ арвитдзæн тæрхондонмæ.
















