preloader
сейчас в эфире
23:38
Я рядом (1-4 серии) 12+
Смотрите Далее
00:55
НОВОСТИ ( ПОВТОР) 12+
ТВ ПРОГРАММА
Я рядом (1-4 серии) 12+
close

Фыдыбæстæйы Стыр хæсты хъæбатыр, Зæнджиаты Владимиры стæгдартæ баныгæдтой Æрыдоны намысы аллейы

17.09.2019 22:15

Ацы хъуыддагыл хиуæттæ æмæ мыггаджы минæвæрттæ бирæ азты дæргъы мæт кодтой.

Фыдыбæстæйы Стыр хæсты хъæбатыр, Зæнджиаты Владимиры стæгдартæ баныгæдтой Æрыдоны намысы аллейы. Ацы хъуыддагыл хиуæттæ æмæ мыггаджы минæвæрттæ бирæ азты дæргъы мæт кодтой. Ныр сæ хъайтар сæмбæлд йæ райгуырæн зæххыл. Йæ ном ссарынмæ æрбацыд бирæ адæм. Бæлвырддæр уын радзурдзæн нæ уацхæссæг Къутæрты Аидæ. Дæттæм ын ныхасы бар.

Зæнджиаты Владимиры хæстæджытæ иуæй хъыг кæнынц, иннæмæй та цин. Уыдон ацы бонмæ рагæй æнхъæлмæ кастытсты. Ныр сæ мыггаджы хæсты хъайтартæй иу сæмбæлд йæ райгуырæн зæххыл. Абон, тæхæг, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты хъæбатыр, Зæнджиаты Владимиры сдæгдартæ баныгæдтой Æрыдоны намысы аллеяйы. Хъайтары ном ссарынмæ æрбацыдысты бирæ адæм. Се ‘хсæн Зæнджиты Владимиры рвад Зæнджиаты Чермен дæр.

Зæнджиаты Владимир Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайдта 7-æм авиацион полчы. Тохы быдыры уыд раззагдæртимæ.

Немыцæгты хæдтæгджыты ныббырсты рæстæг Зæнджиаты Владимир знаджы къухæй фæмард. Æдæппæтæй йæ райгуырæн бæстæ бахъахъхъæныны сæраппонд хæтæхæгæн тохы разамынд лæвæрдта 25 хатты. Сгарæн-агурæн къорды руаджы Зæнджиаты Владимиры стæгдартæ хæстон цытимæ баныгæдтой.

76 азы рацыд хъæбатыры мардыл. Йæ хæстæджытæ алы бæстæты æмæ горæтты агуырдтой сæ бинойнаджы. Фæлæ хъуыддаг размæ нæ цыд. Ульяновскы цæрæг Александр Королев сгарæн-агурæн къорды кусджытæн фехъусæн кодта Ульяновскы областы ссардтой хæдтæхæджы сæстытæ. Афтæмæй ссардтой тæхæг Зæнджиаты Владимиры сдæгдартæ. Фæстæдæр сæ фæхæццæ кодтой йæ райгуырæн зæхх- Цæгат Ирыстонмæ.

Абон сгарæн-агурæн къорды уæнгтæ, хъæбатыры хæстæджытæн сæ радтой Зæнджиаты Владимиры дзаумæттæй ма цы баззад, уыдон.

Абон ацы хъыггæнæн мадзалмæ æрбамбæлд бирæ адæм. Се ‘хсæн Æрыдоны администарцийы минæвæрттæ, скъоладзаутæ æмæ Æрыдоны районы цæрджытæ. Алкæйдæр бафæндыд Зæнджиаты Владимиры рухс ном ссарын. Районы цæрджытæ абон сæ хæсыл банымадтой хъæбатыр ингæныл дидинджытæ сæвæрын.

ДЕЛАЕМ ГОРОД КОМФОРТНЕЕ
Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
06.06.2026 | Саутæ, буртæ, мыдхуызтæ
6.06.2026
Гвардия I 06.06.2026
6.06.2026
Зæхкусæджы сагъæстæ I Хæдзарадон
5.06.2026
Проект «Алания. Это мо земля», Зæрон Бæтæхъойыхъæуы фæсивæд æмæ бархионты архайд I Йæ рæстæгыл
5.06.2026
Рамазан Гаджимурадович Абдулатипов I Большое интервью
5.06.2026
05.06.2026 I Доброе утро, Осетия!
5.06.2026
Эксперты I ДОК
4.06.2026
Новые отделения РКБ, антинаркотический месячник и актуальные новости прошедшей недели I Самое время
4.06.2026
Дӕндӕгты ӕнӕниздзинад бахъахъхъӕныны бон I Дæ райсом хорз, Ирыстон!
4.06.2026
Среда влияния I Изменение климата на Кавказе
3.06.2026
Залина Дзампаева I Истории из жизни
3.06.2026
Дело мастера I Нелли Гассиева
3.06.2026
Все про авто I Доброе утро, Осетия!
3.06.2026
Йæ рæстæгыл I Дзанайты Ольгæйы фæстаг фæндараст æмæ мыггæгты ног чиныг
2.06.2026
02.06.2026 I Дæ райсом хорз, Ирыстон!
2.06.2026
Все рекомендуемое