Цæгат Ирыстоны ацыдысты спортивон туризмæй ерыстæ. Бацархайдтой дзы 20 спортсмены. Сæ фӕлварӕн фӕндаг арæзт уыд фараст къæпхæнæй. Иу иннæмæй зындæр.
Æппæты бæрзонддæр хох Эверестмæ схизын. Ахæм нысан хæстæгдæр дæс азмæ йæ размæ сæвæрдта Æгкацаты Саир. Лæппу архайы альпинизм æмæ туризмы клуб «Фатум»-ы. Йæ къухы бафтыд спортивон туризмы республикон чемпионаты бацархайын. Æвддæсаздзыд Саир уыд турниры æрыгондæр архайæг.
Чемпионат къæвда дæр нæ бахъыгдæрдта. Архайдтой дзы 20 спортсменæй фылдæр. Хызтысты хæрды, бырыдысты бæлæстыл æмæ бæндæнтыл. Иу рæдыд — æмæ уæлахизыл хъуыды дæр мауал кæн. Æдæппæтæй хъуыд фараст фæлварæны сӕрты ахизын, сæ иу иннæмæй зындæр. Æмæ сæ хъуамæ дæ ныхмæлæуджытæй тагъддæр ацæуай. Уæдæ бæрæггæнæн хаххæй рахизыны тыххæй дæр баллтæй аппарынц.
Спортивон туризм æххуыс у физикон цæттæдзинад фæуæлдæр кæнынæн дæр. Æмæ Цæгат Ирыстоны кæй парахат кæны, уый æхсызгон у.
Дзæдзойты Фатимæ
















