Абон Цæгат Ирыстоны скъоладзаутæ дæттынц кæронбæттæн ныхас уырыссаг æвзагæй. 9-æм къласы ахуырдзаутæ сæ зонындзинæдтæ фæлварынц сæрмагонд хæслæвæрдты фæрцы.
Алы ахуыргæнинагæн дæр йæ хæс уыди бацархайын 4 къæпхæнæй конд чи у, уыцы кæронбæттæн ныхасы. Хъуамæ скъоладзаутæ хъæрæй бакæсой цавæрдæр текст, уый фæстæ йæ сæхи ныхæстæй радзурой, дарддæр бацæттæ кæной монолог, стæй уæд диалог дæр. Се ‘ппæтæй бæрзонддæр балл – 20. Кæронбæттæн ныхасы рæстæг у 15 минуты. Йе ‘нæниздзинад хъыгдæрд кæмæн у, уыдонæн та ма бафтаудзысты 30 минуты. Фаронимæ абаргæйæ кæронбæттæн ныхасы иунæг хицæндзинад йеддæмæ нæ фæзынд. Кæд бæрзонддæр балл 2019 азы уыди 19, уæд ныр та у – 20.
Фæлæ ахуырдзаутæ 10 баллæй фылдæр куы райсой, уæд æнæмæнг сæ бон фидæны раттын уыдзæн сæрмагонд фæлварæн. Рауагъдонтæй æвзæр бæрæггæнæнтæ чи райса, уыдонæн та снысан кодтой уæлæмхасæн рæстæг – 11 мартъи æмæ 18-æм май.
Дзæуджыхъæуы 5-æм гимназийы кæронбæттæн ныхасы бæрнон секретарь Наталья Подколзина: «Кæронбæттæн ныхасмæ мах бæстонæй цæттæ кодтам нæхи. Куыд федтат, афтæмæй нæм ис сæрмагонд аудиторитæ. Фыццаджыдæр уал скъоладзаутæ банхъæлмæ кæсынц, цалынмæ сæм бадзурой, уæдмæ. Иу фæстæ та ацæуынц сæрмагондæй фæлварæн кæм цæуы, уырдæм. Къæлидорты лæууынц уырыссаг æвзаджы эксперттæ, æмæ ахуыргæнджытæ. Уыдоны фæрцы нæ куысты къуылымпыдзинæдтæ нæй».
















