Уæззау атлетикæйы нæй бынат, æфсæнттæн æмæ хиуыл ауæрдынæн. Æрмæст — æрвылбон æнæрлæугæ архайд. Иу тренировкæ дæр куы фæцух кæнай, уæд дыууæ къахдзæфы кæныс фæстæмæ. Ахæм æнувыддзинад чызджыты сразæнгард кодта сыгъзæрин майдантæм Уæрæсейы чемпионаты Екатеринбургы.
Гаситы Элеонорæ стыр спортмæ бахауд æнæнхъæлæджы. 2019-æм азы æрбацыд йæ фыд – тренермæ йæ цæттæдзинад фæхуыздæр кæнынмæ. Фыццæгты грифы бæсты архАйдта хуымæтæг хъæдын гарзæй. Афтæмæй хуыздæр кодта йæ техникæ. Цыбыр рæстæгмæ райдыдта стыр уæзтæ исын. Ныр ыл 17 азы цæуы. Екатеринбургмæ ацæуын уайтагъд сфæнд кодта. Куыд фæстиуæг- равдыста стыр ныфс æмæ иттæг хорз цæттæдзинад.
Кодзырты Марияйы бинонты уæззау атлетикæ сси традици. Спорты ныридæгæн и 12 азы. Фыццаг залмæ æрбацыд йæ хистæр æфсымæр, фæстæдæр та фыд чызджы дæр æрбакодта. Уæлахизмæ фæндаг æнцон нæ рауад. 2024 азы спортсменкæ райста уæззау травмæ. Йæ фæстиуджытæ йын йæ фæндтыл фæзындысты. Фæлæ кæд йæ æнæниздзинад фæцудыдта, уæддæр равдыста уыдыхъæды фидардзинад.
Дыууæ чемпионкæйы, дыууæ алыхуызон фæндаджы, фæлæ иу стыр хатдзæг. Ирыстоны атлетикæйы скъола та ноджы иу хатт фыццæгты хыгъды. Алы уæлахизы фæстæ та – бирæгæйттæй ист æвзист, æмæ, æнæмæнг, æрвылбон хиуыл куыст залы.
















