Цæгат Ирыстоны тæссаг у æрдзон зынгсирвæзтытæй. Ахæм уавæр аххæсдзæн 12-æм сентябры онг. Снысан ын кодтой зынгсирвæзтытæй тæссагдзинады 5-æм къæпхæн. Уый тыххæй хъусын кæнынц Æнæнхъæлæджы цауты министрады республикон хайадæй.
Профилон министрады кусджытæ цæрджыты зæрдыл лæууын кæнынц, тамакойы дымæггæгтæ æмæ æндæр ахæм тæссаг хауæццæгтæ кæй расайынц æрдзон фыдбылызтæм. Нæй хъæдрæбынты æмæ хъæдты судзгæ `хсидæвтæ уадзæн, тамакойы дымæггæгтæ калæн. Хъуамæ бæлæстæм хæстæг, кæнæ хус быдырты цур, конд ма цæуой æртытæ. Фыдбылыз куы æцæуа, уæд хабар кæнын хъæуы сæрмагонд номыр 01-мæ, чырæ телефонæй «101» кæнæ «112» номыртæм.
















