Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады агурæн-ирвæзынгæнæн къорды кусджытæ æмæ 12-æм хайады зынгхуыссынгæнджытæ фервæзын кодтой иу нæлгоймаджы.
Хохы цъуппмæ куы хызти, уæд йæ къах ацъæл кодта. Æнæнхъæлæджы цау`рцыд Хидыхъусмæ*ввахс. Нæлгоймаг 2 500 метры бæрзæндыл баззад, йæ бон фæстæмæ æрхизын нал уыд. Æххуысмæ йæм фæтагъд кодтой зынгхуыссынгæнджытæ æмæ ирвæзынгæнджытæ. Бацæунтæ йæм кæй нæ уыд, стæй ма боныхъæд дæр æвзæр кæй уыд, уый тыххæй Æнæнхъæлæджы уавæрты специалисттæн сæ куыст фæкъуылымпы. Бынатмæ фæхæццæ сты фистæгæй. Уым ын ракодтой фыццаг медицинон æххуыс, стæй йæ сынтыл бынмæ æристой. Дохтырты къухты бафтыд. Ныртæккæ йæ цардæн тæссаг ницæмæй уал у.
















