Цæгат Ирыстоны цæрджытæ та ногæй равзардзысты, базилын кæмæ хъæуы, уыцы æхсæнадон бынæттæ. Æппæтуæрæсеон проект райдайдзæн мартъийы. Объекттыл схъæлæс кæнæн уыдзæн сæрмагонд сайты онлайн хуызы.
Дизайн макеттæ æмæ æндæр актуалон информаци хъусын кæндзысты дзыллон информацион фæрæзтæ æмæ блогертæ социалон хызӕгты. Регионы разамынды центры кусджытæ æппынæдзух сæ цæст дарынц адæмы риссагдæр фарстатæм æмæ курдиæтттæм.
Уымæ гæсгæ сарæзтой, аив кæнын цы æхсæнадон бынæттæ хъæуы, уыдоны хыгъд. Æнцадысты адæмы курдиæттыл.
















