Цæгат Ирыстоны цæттæ кæнынц Кавказы инвестицион форумы архайынмæ. Ацæудзæн 17-æмæй 19-æм майы онг Минеральные водыйы. Организацион фарстаты фæдыл æмбырд сарæзта премьер Дзанайты Барис. Фæбæрæг кодта, мадзал егъау кæй у. Уый фæдыл, куыд раздæры азты, афтæ ныр дæр субъект хъуамæ алы здæхты дæр æххæстæй æвдыст æрцæуа: хъуыддаджы, культурæйы, спорты, экспозицийы, гастрономийы. Ахæм хæс сæвæрдта республикæйы сæргълæууæг Сергеем Меняйло. Æххæстгæнæн хицауады оргæнты бизнес æхсæнадимæ бæстон куыст бакæнын хъæуы, загъта Дзанайты Барис. Уæдæ алы бæрнады дæр дзуапдæттæг кусæг нысангонд æрцæудзæн.
Сæйраг программæйы архайдзысты паддзахадон оргæнты разамонджытæ, уæрæсейаг æмæ æппæтадæмон куыстуæтты минæвæрттæ, дзыллон информацийы фæрæзтæ, фæсивæд æмæ æхсæнад. Форум ногæй суыдзæн контракттæ бафыссыны фæзуат, инвестицион проектты рæзты нысанимæ. Уæлдай æргом — æппæтадæмон экономикон æмгуыстадмæ. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, мадзал фыццаг хатт сарæзтой 2023-æм азы. Расидт æй Фонд Росконгресс Уæрæсейы экономикон рæзты министрады æххуысæй.
















