Ам йæ тыхтæ ничи æвгъау кæны. Ахсджиаг у цырд æмæ арæхстджын уæвын. Парафехтовани спорты иннæ хуызтæй хицæн кæны йæ фæзилæнтæй. Уый фыццаг фæзыны афтæ, æмæ ныхмæлæудтæ цæуынц рог кæнæ хуымæтæг хуызы. Архайджытæ æвдисынц аккаг æмвæзадыл цæттæдзинад. Александра Исаева абон фыццаг хатт архайдта ерысты, райста æртыккаг бынат.
Чызджы разамонæг – Артур Юсупов. Дунейы æртæ хатты чемпион æмæ паралимпаг хъæзтыты уæлахиздзау. Тренеры сгуыхстдзинæдтæ йæ дисы æфтауынц, кæнынц æй разæнгард. Артуры ныхæстæм гæсгæ, ныридæгæн ацы спорты хуызы æмвæзад ис бынтон æндæр къæпхæныл. Æрæджы радон хатт нæлгоймаг рамбылдта майдан.
Артур рамбылдта сызгъæрин майдан. Ныридæгæн дунеон æмвæзадыл ерыстæм зын бахауын кæй у нæ спортсментæн, уымæ гæсгæ æнцон нæу профессионалон хуызы рæзын. Фæлæ сын нæ бæстæйы æппæт уавæртæ дæр арæзт цæуынц. Ацы ерыстæ бацæттæ кæнынæн фæхъæуы сæрмагонд ифтонггæрзтæ æмæ сæ алы горæты бацæттæ кæнæн нæ вæййы.
Категоритæ æдæппæтæй сты æртæ: а, б æмæ с. Аразгæ у спортсменæн йæ бон змæлын цас у, уымæй. Фæткмæ гæсгæ, коляскæйæ хи исæн ис æрмæст æмбисмæ. Ныхмæлæуды цыдмæ сæ цæст дарынц къамисы уæнгтæ. Манежы 60 архайæгæй фылдæр 23 азы онг Мæскуы, Татарстан, Вологда, Челябинск, Воронеж æмæ æндæр облæсттæй. Алчи дæр сæ бæллы уæлахизмæ, бахауын бæстæйы иугонд командæмæ.
Ноджы ма 7-æй 20-æм ноябры онг спортсментæ сæхи цæттæ кæндзысты дунейы кубокмæ, ацæудзæн Тайланды. Нæ республикæйы кад хъахъхъæндзысты 3 спортсмены. Курдиатджын фæсивæдæн сæ бон уыдзæн сæхи æппæты бæрзонд æмвæзадыл равдисын.
















