Цæгат Ирыстоны цалдæр объекты бахæсдзысты Цæгат Кавказы федералон зылды райрæзты паддзахадон программæмæ. Уый тыххæй фехъусын кодтой Уæрæсейы экономикон райрæзты министр Михаил Бабич æмæ республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав.
2021-æм азмæ арæзт æрцæудзæн сывæллæтты рæвдауæндон 120 бынатæн æмæ ног скъола Беслæны. Фæзындзæн дзы æвзонг техникты станцæ æмæ æрыгон бæстæзонæгты станцæ дæр. Бындуронæй сцалцæг кæндзысты Октябрьскæйы хъæуы поликлиникæ æмæ скъола Михайловскæйы.
Видеобастдзинады фæрцы æрдзырдтой паддзахадон программæйы фæлгæты инвестицион проекттыл. Ныртæккæ æххæст кæнынц 9 проекты 3 млрд сомæн. Се `хсæн хорыл кæм бакусдзысты ахæм комплекс, технологон станцæ «Ирафская» -йы арæзтад, фæткъуыты дыргъдон 122 гектарæн æмæ æрвылазон туристон комплексы арæзтад. Инвестицион проекттæ бахæсдзысты ахадгæ бавæрæн республикæйы социалон-экономикон райрæзтмæ.
Сæрмагонд цæстдард Цæгат Ирыстоны разамынд дары «Мамысон» -ы проекты хъысмæтмæ. Араздзысты йæ къæпхæнгай. Фæзындзæн дзы дыууæ канатон фæндаджы, стæй 14 км къахдзоныгътыл бырыны трассæ.
















