Цæгат Ирыстоны Уæлахизы бархионтæ парти «Иугонд Уæрæсеимæ» архайынц æппæтуæрæсеон акци «Улицы героев»-ы. Зындгонд æмзæххонты номыл уынгты рацæугæйæ, акци аразджытæ адæмæн уæрстой, хæсты фыстæджыты хуызы конд сæрмагонд сыфтæ.
Фыст дзы уыд Фыдыбæстæйы стыр хæсты хъæбатырты тыххæй æмæ сæ лӕгдзинады тыххæй информаци. Мадзал ацыд Плиты Иссæйы цыртдзæвæны цур, Мамсыраты Хаджумар æмæ Зоя Космодемьянскаяйы номыл уынгты.
















