«Бæстæйы сæрыстырдзинад, нацийы намыс!» Ахæм сæргондимæ лæгдзинады урок сарæзтой Дзæуджыхъæуы 11-æм скъолайы ахуырдзаутæн.
Хистæркъласонтæм уазæгуаты æрбацыдысты Уæрæсейы хъæбатыр, дæлбулкъон Валерий Куков, авиацийы булкъон Азиты Алыксандр æмæ хæсты ветеран Владимир Кореньков. Сывæллæттæм уыд алыхуызон фæрстытæ. Райдай æфсадмæ ацæуыны тыххæй æмæ суанг хæстон операциты фæстæ адæймаг йæхимæ куыд æрцæуа, уый тыххæй.
Мадзал аразджытæ – сывæллæтты сфæлдыстады галуан, ветеранты совет æмæ организаци «Боевое братство».
















