Цæгат Ирыстоны зынгхуыссынгæнджытæ архайдтой «Профессия Сильных» эстафетæйы. Снысан æй кодтой Зынгсирвæзтытæй хъахъхъæныны службæйы 375 азы бонæн. Цæгат Кавказы 7 регионы ирвæзынгæнджытæ зæрдиагæй бацархайдтой мадзалы. Алы субъект дæр йæхи бæстонæй бацæттæ кодта. Хæслæвæрдтæ æххæст кодтой сæрмагонд уæлæдарæсы уæвгæйæ.
Цæгат Ирыстоны номæй акцийы архайдтой Дреты Будулай æмæ Зассеты Давид. Ахæм ерысты фыццаг хатт нæ архайдтой, сæ бынатæй фезмæлын кодтой 18 æмæ 22 тоннæйы чи ласы, ахæм хæдтулгæтæ. Хорз физикон цæттæдзинады æмæ æппынæдзух спорты архайды фæрцы бафтыд дæсныты къухы ахæм æнтыстдзинад.
















