Дзæуджыхъæуы ацыдысты ерыстæ мотокроссæй. Цæгат Кавказы Федералон зылды æмæ республикæйы сæргълæууæджы кубоктæ рамбулынмæ сæмбырд сты Уæрæсейы 15 регионæй спортсментæ. Мотоциклистты адих кодтой цалдæр къордыл. 15 минутмæ сæ хъуыд алыхуызон цæлхдурты сӕрты ахизын. Бæлвырддæр нæ дарддæры æрмæджы.
Дмитрий Кариковыл кæд нырма 12 азы цæуы, уæддæр мотоциклыл дугъ уадзы куыд профессионал, афтӕ. Ацы спорты хуызы архайынц лæппуйæн йæ бинонтæ дæр. Дызæрдыггаг нæ уыд, йæ ныййарджыты фæндагыл кæй ацæудзæн, уый. Сочийы ма йын йæ фыд трассæ дæр сарæзта, цæмæй астаздзыд лæппу йæхи ерыстæм цæттæ кæна. Афтæмæй цалдæр азы фæстæ лæппуйæн йæ къухы æнтыстдзинæдтæ æфтын райдыдта. Рамбылдта Цæгат Кавказы Федералон зылды ерыстæ.
Республикæйы сæргълæууæджы номӕй, стæй Цæгат Кавказы Федералон зылды мотокроссæй Дзæуджыхъæуы цы кубоктæ цæуы, уыдоны архайджытæй иу у Димæ. Турниры сæ цæттæдзинад æвдисынц куыд кæстæртæ, афтæ хистæртæ дæр. Сæ мотоциклтæ хуымæтæг не ‘сты, хицæн кæнынц егъау тыхæй. Нæ бæстæйы 15 регионæй спортсментӕ сты 80 ӕмӕ сӕ 9 фæлтæрмæ гæсгæ адих кодтой. Се ‘хсæн ис Уæрæсейы спорты дæснытæ æмæ чемпионтæ. Цæгат Кавказы Федералон зылды ерыстæ цæуынц æрвылаз. Фæстаг 4 хатты мадзал ацыд Цæгат Ирыстоны. Ацы спорты хуызæн ам ис æппæт хъæугæ уавæртæ. Къуылымпыдзинæдтимæ фæндаг алыхуызон цæлхдуртæ æмæ цæхгæрмæ ссæуæнтимæ. Ерыстæ цæуынц 15 минут.
Мадзаларазджытӕ мæт кодтой, боныхъæд сæ куы нæ бахъыгдарид, зæгъгæ. Фæлæ къæвдатæ не ‘руарыд. Æмæ спортсментæн æххæстæй сæ бон баци сæ тыхтæ равдисын. Уæдæ цæрджытæн дæр сæ бон сси сæ уарзон спортмæ бакæсын.
















