Цæгат Кавказы хæххон металлургон институты æртæсæдæ студентæй фылдæр практикæ ацæудзысты нæ бæстæйы алы регионты. Арæзтадон къордтæ райсом араст уыдзысты Норильскмæ. Раздæр куыд уыд, афтæ ацы аз дæр фæсивæд кусдзысты куыстуат «Норильскникельремонт»-ы. Студенттæн ис бæстæйы егъаудæр арæзтадон фæзты бафæллой кæнын æмæ хæдбарæй æхца бакусыны фадат. Уымæй уæлдай, практикæ ацæуыны фæстæ бирæ куыстуæттæ фæсивæдæн бахæссынц кусын сæм райдайыны фæндон. Студенттæ архайдзысты нæ республикæйы социалон объектты арæзтады дæр.















