Афтæ чысыл агъуысты хæларæй архайынц 4 адæмыхатты минæвæрттæ. Уæлартыл, цæцæйнаг кондмӕ гæсгæ, фыцынц дзидза, пецы — чъиритæ. Адджын æмæ рæсугъд гуылтæ, нартхоры кæрдзынтæ, лауызтæ — аив æмæ хæрздæф. Хæринæгтæ хуымæтæджы æвзæрст не сты. Алчидæр цæттæ кæны йæ уарзондæр аходæн.
Иннæ ран та хæринаг цæттæ кæнынц гом арвы бын. Фыцынц дзидзайæ хæринæгтæ. Сæ хъус сæм, æнæмæнг, дарынц нæлгоймæгтæ. Азмæнтынц сæ, хъацæнтæ сæм бафтауынц.
Фестиваль æрбамбырд кодта 50 архайæджы. Æвдисынц кӕсгон, цæцæйнаг, уырыссаг æмæ ирон культурæ. Хъæуы сæ æрцæттæ кæнын цалдæр националон хæринаджы. Равдисын традицион кафт, азарын зарджытæ мадæлон æвзагыл, ацæгъдын музыкалон инструменттыл.
Форум цыд 5 боны. Уыцы рӕстӕгмӕ архайджытæ базыдтой культурæйы тыххæй бирæ ногдзинæдтæ, истори æмæ æндæр адæмыхаттыты сусæгдзинæдтæ. Æппæт уæгъд рæстæг æрвитынц иумæ, хæларæй. Тезгъо кæнынц рæсгуъд бынæтты, аргъ кæнынц æрдзы сусæгдзинæдтæн. Иууылдæр фидарæй зонынц, сæ ног хæлæрттæ сæм кæддæриддæр уазæгуаты кæй æнхъæлмæ кæсдзысты.
Æркаст бацæттæ кодтой Цæгат Ирыстоны Фæсивæды хъуыддæгты фæдыл комитеты уæнгтæ, Ӕфсæддон-патриотон хъомылады центр, Национ политикæ æмæ æддагон бастдзинæдты министрад. Сæйраг нысан — Цæгат Кавказы культурæйы хъæздыгдзинад равдисын. Æмæ уыцы хæс æнтыстджынæй сæххæст кодтой.
Фестиваль сарæзтой фыццаг хатт, фæлæ йæ фидарæй зонынц, фæстаг хатт кæй нæу, уый. Фæнд æй кæнынц ноджы фæуæрæхдæр кæнын. Цæмæй æрбахоной ноджы фылдæр архайджыты.
Саулаты Дзерассæ
















