Хæдарцаты Аслæнбеджы равзæрстой бюджет, хъалонтæ, исбонад æмæ кредитон куыстуæтты Комитеты сæрдарæй. Республикæйы парламенты 7-æм æмбырды йæ кандидатурæйы фарс рахæцыдысты 57 депутаты. Боны фæткы – республикæйы бюджеты фарстатæ. Йе ‘фтиæгтæ ацы аз фæфылдæр уыдзысты 1 млрд 357 æмæ æрдæг млн сомы. Уый федералон бюджеты хардзæй. Уыдонæй 646 æмæ æрдæг милуаны нысангонд сты фæллой хъахъхъæнынады хъуыддагмæ фæкæсынæн. Бюджетты ‘хсæн субсидиты бæрц у 482 милуаны. Уыдонæй 336 — 3-йæ 7 азы онг сывæллæттæн фиддонтæн. 85 милуаны та — 3 азы онг кæуыл цæуы, уыцы сабитæн фиддонтæн.
Ацы азы 10 мæйы æфтиæгтæм гæсгæ, бюджеты æххæсткæнынад у 40 млрд сомæй фылдæр. Уый афæдзмæ нысангонд бюджетæн у йæ 80%. Ныры бюджетмæ ивддзинæдтимӕ дæр депутаттæ сразы сты.
















