Цæхдон сцæттæ кæнынц цалдæр къæпхæнмæ гæсгæ. Фыццаг уал сыфтæ æртонынц, дарддæр сæ хæрзæхсад ныккæнынц,
сфыцынц сæ æмæ сæ тъæпæнæгты нывæрынц. Дæс боны фæстæ цæттæ хæринаг банкæтыл байуарынц. Продуктæн йæ уæз хъуамæ уа 400 граммы. Цывзыйы цъæрттыл цæхджын дон куы æркæнынц, уæд рахизынц ахсджиаг къæпхæнмæ — стерилизацимæ.
Бонмæ 5 мин банкæмæ хæстæг. Крндады хъомыс аразгæ у кусджыты нымæцæй. Рæстæгмæ архайд кæй у, уымæ гæсгæ арæх фæллойгæнджытæ нæ фæфаг кæнынц. Сæрдыгон бынаты фенæн вæййы 15 адæймагмæ хæстæг, зымæгон та 30. Заводы продукцийы хуызтæ бирæ сты — 40 фæлдæр.
Ифтонггæрзтæ ноггонд куы ‘рцыдысты, уæд райдыдтой алыхуызон соутæ уадзын: судзаг, адджын, халсартимæ, сырх кæнæ цъæх бырцимæ аджикæ. Уыимæ ма, бирæтæн уарзон продукт “Соус Нартов”, зæгъгæ.
Завод кусы 1960-æм азæй фæстæмæ. Уыцы рæстæг Советон Цæдисы уыд раззагдæр куыстуат, хойраджы продукци кæм уагътой, уыдон ‘хсæн. Консервтæ, дзул, адджын гуылтæ æмæ æндæр продукттæ. Ныртæккæ завод фылдæр бакусы халсартæ æмæ дыргътыл. Сæйрагдæрыл та нымайынц экологон æгъдауæй сыгъдæг продукци уадзын. Æвæццæгæн, уый тыххæй куыстуаты тыххæй зонынц æрмæст Цæгат Ирыстоны нæ, фæлæ бæстæйы иннæ регионты дæр.















