Цыфӕнды дарӕс дӕр райдайы ам, кæрдæн стъолыл. Алы фезмӕлд дӕр бӕлвырд бӕрӕггонд у. Æрдӕг сантиметры бӕрц рæдыд — æмæ медицинон костюм нал сбӕздзӕн. Цехы куыст стынг вæййы райсомӕй раджы, куыстуаты гуырахст — ахадгӕ.
Кæрдæг дарæсы хӕйттӕ арвиты хуыйӕн цехмӕ. Куыстуат базары ныр 10 азӕй фылдӕр ис. Уый у республикӕйы иунӕг ӕххӕст циклы сертификацигонд кондад. Ис ын Росздравнадзоры официалон регистрацион ӕвдисӕндар. Цех байгом кӕныны хъуыды Кæмæдзаты Анжелæмæ сӕвзӕрд йæхи фӕлтӕрддзинадӕй. Куыстуаты разамонӕг иттӕг хорз зыдта медикты зындзинæдтæ.
Æлхæнджыты географи Ирыстоны арӕнтӕй раджы ахызт. Компанийы костюмтӕ дарынц Мӕскуыйы медицинон хызтæ, Грозна, Ростов ӕмӕ Саратовы клиникӕты кусджытæ. Республикæйы тагъд ӕххуысæн цех сарӕзта 1000 дарæсæй фылдӕр. Клиентты хыгъды —катастрофӕты медицинӕйы центр ӕмӕ тӕрхоны-медицинон экспертизӕйы бюро. Алкæмæ — хицæн ахаст. Дохтыртӕ, санаториты ӕмӕ бьюти-индустрийы кусджытӕ сахатгай сӕ къӕхтыл лӕууынц. Фӕлӕ цыфӕнды уавӕры дӕр сылгоймаг сылгоймаг у, фӕфӕнды йæ рæсугъд уæвын. Уымӕ гӕсгӕ куыстуаты фӕзынд ногдзинæдтæ.
Фӕстаг коллекци уæлдай зæрдæмæдзæугæ рауад. Корсет медицинон формӕйыл хуыйын техникон ӕгъдауӕй зын у. Фӕлӕ ӕппӕт Уӕрӕсейӕ дӕр ахæм зæрдæмæдзæугæ ныхасæппарæнтæ цыдис, æмæ сбæлвырд — фыдæбон уый аргъ уыд. Бизнесӕн йӕ ахсджиагдӕр къӕпхӕн сси маркетплейсмæ рацыд. 2025 азы республикӕйы Промышленность ӕмӕ инвестициты министрад баххуыс кодта куыстуатӕн “Рӕзты платформӕ”-мæ бацæуын. Фӕстиуджытӕ фӕуӕлдӕр сты ӕппӕт ӕнхъӕлцтӕй: пълан сӕххӕст кодтой 114%-æн.
Сфӕлдыстадон дизайнер Уалыты Янӕйӕн йӕ хуыздӕр хӕрзиуӕг у йӕ фӕллойы фӕстиуджытӕ уынын. Тагъд ӕххуысы машинæ дӕ рӕзты куы фӕцӕйцӕуы, мидӕгӕй та — дохтыртӕ, дӕхӕдӕг гӕххӕттыл кӕй сныв кодтай, уыцы формӕйы, уӕд адæймаг бамбары йæ архайды социалон ахадындзинад. 10 азмӕ чысыл куыстад йӕхи равдыста республикӕйы рог промышленносты. Куыстуат сбӕлвырд кодта: Ирыстоны зонынц ӕдас ӕмӕ аив дарæс хуыйын дохтыртæн.
















