Ивгъуыд къуыри нæ бæстæйы хуыздæр барджыты Екатеринбургмæ æрбамбырд кодта Уæрæсейы чемпионат бæхты спортæй. Ирыстоны минæвæрттæ рамбылдтой æртæ хæрзиуæджы — сыгъзæрин, æвзист æмæ бронзæ майдантæ. Зæгъын хъæуы уый, æмæ бæхты спорты ахæм ерыстæ нымад сты иуыл ирд æмæ рæсугъд хуызыл. Куыд цæттæ кодтой спортсментæ сæхи æмæ райгондæй баззадысты, æви нæ?
Афтæ бæх Арбат æххæст кæны йæ размæвæрд нысæнттæй иу — уайгæ-уайын цыд фæсабырдæр кæнын. Æддаг бакастæй дзы зынæй ницы ис, фæлæ афтæ нæу. Цæмæй иттæг хорз рауайа, уый тыххæй хъæуы æнувыдæй кусын. Уыимæ афæдзгæйттæ. Хъуысаты Алан бæхты спорты ис 18 азы. Æрæджы бацахста 3-аг бынат Уæрæсейы ерысты Екатеринбургы. Ахæм æмвæзадыл ерысты архайдта фыццаг хатт.
Элина Мурадянц дæр йæхи цæттæ кодта чемпионатмæ, фæлæ дзы йæ арæхстдзинад равдисын къухы нæ бафтыд. Чызджы бæх Гюрза кæд Бразилийы æмæ Японийы Олимпаг хъæзтыты архайдта, уæддæр ацы ерыстæм фæндагыл йе`нæниздзинад фæтасыд.
Бæхæн цæмæй æмбæлгæ медицинон æххуыс бакæной, уый тыххæй хостæ Германийæ ласын бахъуыд. Уæвгæ, барæгæн йæ ныфс нæ асаст.
Чемпионаты йæхи иттæг хорз равдыста Александр Марков дæр. Сси æвзист майданы хъицау. Уæдæ бæрзонд бæрæггæнæнтæ та равдыста иугонд командæйы ерысты.
Спортсментæ сæ фыдыуæзæгыл сæмбæлдысты æмæ та дарддæр тренировкæтæ кæнынц. Сæхи цæттæ кæнынц ног ерыстæм. Уыдон та уыдзысты Краснодары. Дарддæр сæм æнхъæлмæ кæсы Дзæуджыхъæуы æмæ Дзæуджыхъæуы мэры кубок бæхты спортæй.
















