Балет, музыкæ æмæ литературæ. Цæгат Ирыстоны аивæдты сгуыхт архайджытæ бацæттæ кодтой Рæмонты Маринæ æмæ Александрæйы чиныджы презентаци. Хуыйны «Вороны или Антология Любви».
Авторты ныхæстæм гæсгæ, арæх нæ фендзынæ цæмæй мад æмæ чызг иумæ чиныг ныффысой. Йæ тираж у 100 экземпляры. Раздæр ма мыхуыры рацыд Мальтæйы. Фыст дзы ис паддзахтæ æмæ хуымæтæг цæрджыты истори.
















