Цæлыччы сывæллæттæн ног ахуыры аз райдыдта культурæйы хæдзары. Уроктæ сын ам амонынц, цалынмæ хъæуы ног скъола аразынц, уæдмæ. Ахуыргæнæндоны зæронд бæстыхай заууат уавæрмæ æрцыд. Ныккæлыны*ввонг у. Ног скъолайы уыдзæн 2 корпусы. Сараздзысты дзы æппæт уавæртæ, цæмæй сывæллæттæн нырыккон домæнтæм гæсгæ, ахуыр кæныны фадат уа. Бынат дзы уыдзæн 200 скъоладзауæн. Ахуыргæнæндон хъуамæ сцæттæ уа ацы азы кæронмæ. Куыд цæуынц куыстытæ, уый тыххæй радзурдзæн нæ уацхæссæг Хъараты Маринæ.
Сидахъаты Алан Цæлыччы скъолайы ахуыр кæны 7-æм къласы. Æвзонг лæппу зонындзинæдтæм фæндагыл æнтыстджын къахдзæвтæ кæны. Ныридæгæн æй зоны фидæны цавæр дæсныйад равзардзæн, уый.
Лæппуйы сæйрагæр нысан – хорз ахуыр кæнын, цæмæй фидæнмæ цы пълæнттæ сæвæрдта, уыдон йæ къухы бафтой. Кæд ныртæккæ скъоладзаутæ æмæ ахуыргæнджытæ къуылымпыдзинæдтæ ййафынц, уæддæр. Ацы аз ахуырдзаутæн сæ уроктæ рæстæгмæ цæуынц культурæйы бынæттон хæдзары.
Культурæйы хæдзары нарæг уатты скъоладзаутæ æмæ ахуыргæнджытæ сты мартъийæ нырмæ. Скъола ныппырх кодтой. Йæ бынаты йын аразынц ног бæстыхай. Ахуыргæнæндон заууат уавæры уыд. Сарæзтой йæ фæндзай азы размæ. Санитарон домæнтæн дзуапп нæ лæвæрдта. Ныртæккæ цалынмæ ног скъола рæвдз кæны, уæдмæ ахуыргæнджытæ ййафынц къуылымпыдзинæдтæ.
Уроктæ цæуынц дыууæ сменæмæ гæсгæ. Æппæт къуылымпыдзинæдтæ фæсте кæй аззайдзысты, ууыл дызæрдыг нæ кæнынц куыд ахуыргæнджытæ, афтæ сывæллæттæ дæр.
Цалынмæ дзæнгæрæг Культурæйы хæдзары нарæг къуымты зæлы, уæдмæ ног скъола сабыргай рæзы.
Скъолайы заууат уавæры тыххæй цæрджытæ январы дзырдтой республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеславимæ фембæлды рæстæг. Февралы та йæ халын райдыдтой. Арæзтад æххæст кæнынц национ проект «Образование»-мæ гæсгæ.
Мæнæ ахæм хуызы уыдзæн скъола ацы аз декабры. Æппæт арæзтадон куыстытæ уæдмæ хъуамæ фæуой. Ахуыргæнæндоны бынат уыдзæн дыууæ сæдæ адæймагæн. Проектмæ гæсгæ уыдзæн дыууæуæладзыгон. Фæзындзæн дзы спортивон зал, хæрæндон, райдзаст кълæстæ æмæ чиныгдон.
Скъолайæн уыдзæн хи хъармгæнæн. Уыимæ ма донæмбырдгæнæн. Зынгсирвæзты ныхмæ домæнтæ куыд амонынц, афтæмæй дзы цæудзæн æртæсæдæ кубы дон.
















