Цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады объекттæ зымæгон рæстæгмæ цæттæ сты. Уый тыххæй журналисттæн фехъусын кодта Цæгат Ирыстоны цæрæнуæтты-коммуналон, артаг æмæ энергетикæйы министр Тамайты Майран. Цæттæ кæнæн мадзæлттæ ацыдысты, республикæйы хицауад цы пълан снысан кодта, уымæ гæсгæ. Æдæппæтæй куыстытыл бахардз кодтой 405 милуан сомы.
Фæззыгон-зымæгон рæстæгмæ æрмæст ног хъармгæнæнтæ нæ цæттæ кодтой, фæлæ дондзæуæн æмæ хауæтдзæгтæ æмбырдгæнæн хæтæлтæ дæр. Азы аз Дзæуджыхъæуы аиуварс кодтой пъадвалы цы хъармгæнæнтæ ис, уыдон. Ардоны та йæ куыстæй бауырæдтой фæстаг сæйраг хъармгæнæн. Администрацийы хардзæй районы цæрджытæн самал кодтой 160 хи хъармгæнæн гæрзы. Сезон снысан кодтой октябры астæумæ. Фæлæ боныхъæды бæрæггæнæнтæм гæсгæ 5 боны æмгъуыдмæ 8 градусы хъарм куы уа, уæд хæдзæрттæм хъарм ратдзысты раздæр, загъта Тамайты Майран.
















