Битарты Вячеслав дарддæр æмбæлы Цæгат Ирыстоны цæрджытимæ. Райсом, 26-æм сентябры нæ республикæйы сæргълæууæг бабæрæг кæндзæн Дыгуры район. Сæ фæрстытæ раттыны бар уыдзæн Мустыздæх æмæ Николаевскæйы стæницæйы цæрджытæн. Æмбырд уыдзæн Дигорайы культурæйы бынæттон хæдзары 18 сахаты æмæ 30 минутыл. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг ахæм фембæлдтæ аразы æппынæдзух.
Битарты Вячеслав ныридæгæн бабæрæг кодта Æрыдоны, Алагиры, Мæздæджы æмæ Кировы районтæ. Цæрджыты фæрстытæ фылдæр баст вæййынц зæххытимæ. Бирæ хъæуты хæдзæрттæм дон кæлы къуылымпытимæ. Уымæй уæлдай ма адæмы тыхсын кæнынц æнæниздзинад хъахъхъæныны æмæ ахуырады къабæзты хъуыддæгтæ дæр.
















