Цæрджытæн сæ зæххы хæйтты онг газ лæвар уадзыны бæрæггæнæнтæм гæсгæ, Цæгат Ирыстон, бæстæйы субъекттимæ абаргæйæ, ис раззагдæрты ‘хсæн.
Ныридæгæн ацы хъуыддаджы фæдыл Уæрæсейы регионты цæрджытæй цы курдиæттæ райстой, уыдоны нымæй 1 милуанæй ахызт. 930 минæй фылдæры фæдыл сæ сарæзтой бадзырдтæ, 660 минмæ ввахс та — сæххæст кодтой. Цæгат Ирыстоны цæрджытæ зæххы хайы онг газ лæвар бауадзыны тыххæй ныридæгæн балæвæрдтой 2 103 курдиаты. Уыдонæй 2 069-ы фæдыл бафыстой бадзырдтæ. Газ бауагътой 1 069 хæдзармæ.
















