preloader
сейчас в эфире
08:48
МУЗЫКÆ +
Смотрите Далее
09:00
УТРО. НОВОСТИ 12+
09:05
ВЫЙДИ ИЗ СЕБЯ. ЕЛЕНА ПАРФЕНТЬЕВА 12+
09:25
УТРО ПЕРВЫХ. ГЕОРГИЙ КАСПАРЬЯНЦ 12+
10:00
НОВОСТИ 12+
10:15
КАСАЕВ. ДИАЛОГИ 12+
ТВ ПРОГРАММА
МУЗЫКÆ +
close

Цæрджыты цинæн

27.11.2018 16:21

Алагиры базылдысты аллея æмæ парчы иу хаймæ.

Ног бандæттæ – æвæрд, цъæх фæлыст – сагъд, рухсдæттæг системæ – арæзт. Уæдæ ног асфальт дæр цæхæртæ калы. Алагиры, парти «Иугонд Уæрæсе»-йы проект «Городская среда»-мæ гæсгæ базылдысты дыууæ фæлладуадзæн бынатмæ – Каштанты аллея æмæ парчы хаймæ. Уыцы хæрдзтæн федералон æмæ регионалон бюджеттæй радих кодтой 7 милуан сомы. Не сфæлдыстадон къорд араст Алагирмæ æмæ федта, куыд барæсугъд горæт, уый.


Алагиры цæрджытæ бирæ уарзынц изæрыгон æдтæмæ рацæуын æмæ рæсугъд бынаты сыгъдæг уæлдæфæй аулæфын. Ныр та уæлдайдæр. Горæты саив кодтой дыууæ æхсæнадон бынаты – аллея æмæ парчы иу хай. Адæм базилинаг бынæттæ равзæрстой сæхæдæг. Мадзæлттæ арæзт цæуынц программæ «Городская среда»-йы фæлгæты. Бирæ фенхъæлмæ кастысты цæрджытæ ацы хъуыддагмæ, ныр йæ хатдзæгтæй разы сты.

Ленины уынджы аллея рагæйдæр адæмæн уыд сæ уарзондæр фæлладуадзæн бынат. Куыд æй срæсугъд кодтой, уый сеппæты зæрдæмæ дæр тынг фæцыд. Ныр уазджыты ардæм ракæнæн дæр ис. Зæрдæ парчы уындæй дæр райы. Алагир проекты фыццаг хатт нæ архайы. Фарон парти «Иугонд Уæрæсе»-йы æххуысæй горæты астæу сцалцæг кодтой бирæфатерон хæдзæрттæ æмæ Хетæгкаты Къостайы номыл уынджы хай. Парти ууыл сæ куыст нæ бауромдзысты.

«Иннæ аз базилдзыстæм æндæр бæстыхæйттæм. Адæм та хъæлæс кæндзысты æмæ равзардзысты, базилын цы бынæттæм хъæуы фыццаджыдæр, уыдон. Æмæ та сæ партийы проектмæ гæсгæ сцалцæг кæндзыстæм», — Алагиры районы парти «Иугонд Уæрæсе»-йы разамонæг Уртаты Хъазыбег.

Алагиры аллея фæрæсугъд ис, фæлæ йæ æнæхъæнæй нæ саив кодтой нырма. Зæрдæ бавæрдтой, куыст кæронмæ кæй ахæццæ кæндзысты. Раст зæгъгæйæ, кæд, уый нырма бæрæг нæма у.

Биджелты Бертæ

 

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
08.09.2026 I Дæ райсом хорз, Ирыстон!
8.09.2026
07.09.2026 I Самое время
7.09.2026
«Драйв без границ: от барабанов до Голливуда» I Доброе утро, Осетия!
7.09.2026
В итоге: 6 сентября
6.09.2026
Абетӕ. Райдайӕн
6.09.2026
Виктория Кесаева | Песни под звездами
6.09.2026
Дзгойты Аллӕ | Æнусон фарн
5.09.2026
05.09.2026 | Гвардия
5.09.2026
Алан Караев I По большому счету
4.09.2026
Ахуыр азы райдайæн æмæ тхэквондойы Бон I Йæ рæстæгыл
4.09.2026
Здравствуй, школа! I Доброе утро, Осетия!
4.09.2026
Беслан сейчас. 2026
3.09.2026
Беслан сейчас. 3 сентября
3.09.2026
Беслæн 22 азы фæстæ I Йæ рæстæгыл
1.09.2026
Беслан сейчас. 2026
1.09.2026
Все рекомендуемое