Хицауады сконды ивддзинæдтæ, хъармгæнæн сезон æмæ республикæйы энерегтикæйы къабазы цæттæдзинад. Ацы æмæ æндæр ахсджиаг фарстатыл æрдзырдтой абон хицауады радон æмбырды. Разамынд ын лæвæрдта Тускъаты Таймураз. Райдыдтой хицауады скондмæ цы ивддзинæдтæ бахастой, уымæй. Йæ куыстæй суæгъд кодтой финансты министры фыццаг хæдивæг Дзæгъойты Аланы.
Йæ бынатæй систой фæндаггон хæдзарады комитеты сæрдады хæдивæг Цæкулаты Русланы æмæ паддзахадон исбонады министры хæдивæг Багаты Залинæйы. Культурон хæзнатæй пайда кæныны æмæ хъахъхъæныны комитеты сæрдары хæдивæг Чехойты Людмилæ йæ куыст дарддæр кæндзæн.
Æмбырды архайджытæ ма æрдзырдтой 15 октябы цы хъармгæнæн сезон райдыдта, ууыл. Цæрæнуæтты коммуналон хæдзарады министр Тамайты Майрæны ныхæстæм гæсгæ, ацы сезонмæ бацæттæ кодтой 243 хъармгæнæны. Фæнысан кодта, Фыййагдоны цы хъармгæнæн ис, уый мазутæй – артагмæ кæй раивтой, уый.
Национ ахастдзинæдты фарстаты фæдыл министр Цуциты Аслан куыд фехъусын кодта, афтæмæй Цæгат Ирыстоны Паддзахадон Университеты, журналистикæйы факультеты бындурыл ныртæккæ цæттæ кæнынц ирон æвзагыл чи дзурдзæн æмæ фысдзæн, ахæм специалистты. Уый тыххæй æхцайы фæрæзтæ радих кодтой 500 мин сомы. Сæрмагонд программæ адæргъвæтин кæндзысты иннæ азмæ дæр.
Экономикон рæзты министры хæдивæг Цориты Алеттæ куыд загъта, афтæмæй 2019-2021 азты инвестицион программæ æххæст кæнынц фæткмæ гæсгæ. Уæлдай ахсджиаг сты федералон программæтæм гæсгæ нæ республикæйы цы социалон объекттæ аразынц, уыдон.
















