Сæрмагонд æфсæддон операцийы фыццаг бонтæй Цæгат Ирыстоны цæрджытæ æххуыс кæнынц нæ æфсæддонтæн. Адæм æмбырд кæнынц гуманитарон æххуыс, хойраджы продукттæ, хуыйынц сусæггæнæн хызтæ. Нæ лæппуты фарсмæ балæууыдысты Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты студенттæ дæр. Снывыл кодтой хусгонд хъæрмхуыппыты кондад. Хъæуы сыл æрмæст фыхдон æркæнын. Уый скæнæн ис быдирон уавæрты дæр. Хæринаг рауайы хæрзад æмæ пайда.
Æрвылбон студенттæ цыппар парæйы, практикæйы æмæ хæдзармæ куысты фæстæ райдайынц хæринаг цæттæ кæнын. Æвзонг чызджытæ сæ къорд схуыдтой «Спасение», зæгъгæ. Раздæр æрмæст хъæрмхуыппытæ кодтой, ныр райдыдтой кастæ кæнын, фæнды ма сæ дыргътæ æрвитын дæр. Хус сæ кæнынц сæрмагонд аппараты фæрцы. Йæ самал кæнынæн æхцайы фæрæзтæ æмбырд кодтой æгас факультетæй. Æппæт хъацæнтæ бахус кæнынæн бахъæуы 6-æй 12 сахаты онг. Уый фæстæ сæ ахицæн кæнынц сæ хуызтæм гæсгæ æмæ сæ нывæрынц къоппыты.
Хус хъæрмхуыппы порци æмбырд кæнгæйæ Сопойты Дианæ фæхъуыды кæны йæ фыдыл. Ныртæккæ уый сæрмагонд æфсæддон операцийы бынаты ис. Хъарм хæринагæй саходын алкæд сæ бон нæ вæййы. Ацы концентрантыл та хъæуы æрмæст фыцгæ дон æркæнын, 10 минуты йæ бауадзын æмæ вæййы цæттæ. Чызджы ныхæстæм гæсгæ, йæ фыд арæх æрымысы хæдзарон хæринаг. Уымæ гæсгæ æхсызгонæй фæцæттæ кæны.
«Æз æй зонын, мах хорз хъуыддаг аразæм уый. Иу сахат кæй фæфстиат вæййæм, уымæй нын ницы уыдзæн. Уадз æмæ йæ , уыдон бынаты æмбарой, мах сæ бирæ кæй уарзæм æмæ сæм æнхъæлмæ кæй кæсæм, уый».
Хъæрмхуыппытæ цæттæ кæныны технологи зын нæу, фæлæ бирæ архайд домы. Фыццаг уал халсартæ сфыцынц, уый фæстæ сæ лыстæг скæрдынц æмæ сæ хус кæнын райдайынц. Цæттæ хъацæнтæй сæмбырд кæнынц алыхуызон полуфабрикаттæ.
Хъæрхуыппытæ цæттæ кæныны хъæппæрис фæзынд уæлдæр ахуыргæнæндоны ректор Огъуаты Аланмæ. Ахуыргæнджытæ æмæ иннæ специалисттæ дæргъвæтин рæстæг куыстой. Фæндыд сæ иттæг хорз рецепт рауадзын. Уайтагъд нæ рауад, фæлæ рæстæгимæ кондад снывыл кодтой.
Цæттæгонд хус хъæрмхуыппытæ ныридæгæн сæрмагонд æфсæддон операцийы бынатмæ æрвитынц. Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты фæнд кæнынц кондад фæфылдæр кæнын. Фæсивæды фæнды æфсæддонты фарсмæ ахæм хуызы балæууын, уымæ гæсгæ уæгъд рæстæг алкæддæр ссарынц.
















